«Ӕз — Алгъуыз-паддзах, дунейыл басастон бӕстӕ дзӕвгар,
Миланкар, Амосар иумӕ сты мӕ фӕринчы дӕлбар.
Ӕз — уӕздан Алгъуыз, мыггагӕй Йессе-Дауыты бындар,
Иры, кӕсӕджы, мӕхъхъӕлы, нонты, цӕцӕны ӕлдар,
Август-паддзахы фырттӕй дӕн, Август-паддзахы зӕнӕг, Абон Эльбрусӕн, Кавказӕн ӕз — ӕлдариуӕггӕнӕг. Кардӕй тохы бон мӕ ныхмӕ никуы, никуы лӕууыд лӕг,. Хӕсты ме ’хсаргардӕн йе ’рцъыкк уыд кӕддӕриддӕр бӕрӕг».
"Алгъуызы кадӕг" - Ӕгъуызаты Иуане