Абон нӕ республикӕ бӕрӕг кодта ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон, уый фӕдыл мӕ хӕсыл банымадтон – уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕнын ЦИГСИИ-йы равзӕрды истри. Цӕмӕн, уый дӕр бамрын кӕндзынӕн.
Дзагурты Гуыбади 1918 азы байгом кодта Ирон адӕмон дзырдаивады къорд (Клуб любителей осетинской народной словесности). Чысыл рӕстӕгмӕ ӕмбӕрстгонд ӕрцыд —къорды арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын хъӕуы, уый фæдыл 1919 азы байгом Ирон историон-филологон ӕхсӕнад (Осетинское историко-филологическое общество). «Æхсӕнад» йӕ разы сӕвӕрдта ахæм хæстæ куыд - райхалын истори, этнографи, ӕвзагзонынады фæрстытæ, уыимӕ ма мадӕлон ӕвзаг дӕттыны методикӕйыл бакусын.
«Æхсӕнад»-ы фыццагон фӕтк фӕбӕлвырд кодта Æлборты Барис. Зынгӕ ӕвӕрӕн «ӕхсӕнад»-ы райрӕзтмӕ чи бахаста, уыдоны ‘хсӕн уыдысты Гарданты Константин, Цомайты Харлампи, Дзагурты Григорий ӕмӕ Ирыстоны ахуырад ӕмӕ наукӕйы номдзыд архайджытӕ.
«Æхсӕнад» ӕмгуыст кодта Уӕрӕсейы наукӕты академиимӕ, сӕ уацхъуыдтӕ та уыдысты уӕлдай хорз фыст.
Сæйрагдар — Цæгат Кавказы ацы «æхсæнад» уыд фыццаг, йæ ахуыргæндты куыстытæ та æвæрд сты архивты, æмæ сæ ныры ЦИГСИИ-йы кусджытæ пайда кæнынц.