Уацамонгæ: Зæрдиаг арфæ уын кæнам Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой рæсугъд æмæ хъæздыг ирон æвзаг. Не’стыр хæс у уый бахъахъхъæнын, дарддæр кусын йæ райрæзтыл.Нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ хæдзæртты æмæ уæ кусæн бынæтты кæддæриддæр хъуыса ирон аив ныхас, цæмæй Ирыстоны кæстæртæ æнувыдæй ахуыр кæной, зоной æмæ уарзой сæ мадæлон æвзаг, цæмæй ирон дзырды фарн фæлтæрæй фæлтæрмæ æнусты цæуа!