Æмæ мын æваст куы фехъусын кодтаиккой, нæ дæ амардзыстæм, дæ хæдзармæ афардæг у, зæгъгæ, уæддæр æндæрхуызон нæ фæуыдаин, уыцы стырзæрдæйæ баззадаин: мæнæйуый, æнусон цардыл нал æууæндыс æмæ ма дын цы уæлдай у — цалдæр сахаты ма цæрдзынæ æви цалдæр азы. Ныр мæ ницыуал æндæвта, ме ‘нцойдзинад мын ничиуал хъыгдардта.
Жан - Поль Сартр "Сис"